The Washington Post  Гуырдзыстоны схуыдта, коронавирусы ныхмæ тохы иуæ-иу  сегасдæр æнтыстджын дæнцæй
The Washington Post Гуырдзыстоны схуыдта, коронавирусы ныхмæ тохы иуæ-иу сегасдæр æнтыстджын дæнцæй

«Вашингтон Пост»   Гуырдзыстоны  схуыдта  «Ковид-19»-æн бафæразыны  иуæй-иу  æнтысджындæр  дæнцæй.  Статимæ  гæсгæ,  глобалон   панлдеми  равдыста, цæмæй  ахæм æртъхъирæнæн бафæразыны æрдгæй  чысыл бæстæтæ  бирæ  æнтыстджындæр сты, фæлæ   ахæм стыр æмæ  фидар паддзахадты,  цахæм дæр сты  АИШ, Стыр Британи, Уæрæсе æмæ Китай,   пандемийы  фæстиуджытæ  сæрмагондæй  уæззау  сты.

«Ацы рæстæджы  иуæй-иу  чысыл бæстæ, нымадмæ ист  æрцыд,  уымæн  æмæ   Дуне  ныр  уыдон цы рагафойнон  æнтыстмæ æрцыдысты  уымæ  кæсы» –  фыссы  «Вашингтон Пост».

«Вашингтон Пост» Гуырдзыстоны тыххæй  фыссы:  «Сыхаг Уæрæсейы  корронавирус  куы  абухы  уыцы  рæстæджы,  Гуырдзыстон у   сабырдзинад  сакъадахау.  Бæстæйы  3.75 милуан  цæрæг ис,   коронавирусы  бæлвырд  цауты  нымæц   700-йæ  къаддæр у, амард æрмæст 12  адæймаг, æмæ уый  æппæты  тыхæхй Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци  бæстæйæ   æппæлгæ  дæр  кодта».

Статийы  банысангонд у, цæмæй  хицауады афойнадон  мадзæлттæ, цахæм дæр уыд  январы кæронæй   аэропортты  райдайгæ æнæмæнгхъæугæ  термоскрининг æмæ æхсæнадæмон балцыл  арæнæвæрдтæ, бæстæйæн  вирусы  апарахат  фæурæдæн баххуыс  кодтой.

«Вашингтон Пост»  фыссы, цæмæй  инфекцийы  ахæлиуы  темп  фæсындæг кæныны æмæ  Гуырдзыстоны  туризм  ногæй  байгомы  фидæны пъланты   фоныл,   АИШ-ы  бæстæйы минæвар  Давит Бакрадзе  хъусын кæны,  ома  йæ  офис зæгъгæ  цымидисдарæг  америкаг  бизнес æмæ  бæлццонон  куырдиæттæ  исы.

Бакрадзе  дзуры, цæмæй   Гуырдзыстон асæй  чысыл  кæй  у  уый тыххæй, бæстæйы  мидæг  змсæлды  рискъыты æрдæм  бирæ  хъавгæ дæр скодта.

Бакрадзе  афтæджæр  банысан кодта,   цæмæй бæстæ  бирæ  цыдæр бавзæрста   Советон цæдисы   ныппырхы   фæстæ æмæ  æмбæстæгтæ  цæттæ уыдысты, ахæм  нывонд скæнын,  цахзæм  дæр у  æхсæнадæмон тахтытæ тобæ  æмæ социалон  контролы  æндæр мадзæлттæ.

«Мах тынг вазыгджын периоды  иумæ  лæууын  ахуыр стæм»  – хъусын кæны   Давит Бакрадзе.

«Вашингтон Посты» статийы, «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы æнтыстыджын  дæнцæй  афтæдæр бавдыст сты  Въетнам, Гана, Коста-Рика, Ливан æмæ  Ног Зеланди.