Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 62 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 104 пациент

11:01, 26.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  62 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 104 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын  иу  пациент дæр нæ амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  4 576 адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 245 антигены тестæй  æмæ   1 331  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,35%,, фæстаг 14 боны –  1,05%,  фæстаг  7 боны  – 1,05%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 654 375  цау, уыдонæй  1 636 108  сæнæниз сты, 16 800 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 877 175  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 16.

Знон, 25  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  58 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  213,  коронавирусæй  рынчын иу  пациент дæр нæ амард.

Хуыздæр