Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 290 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 80 пациент

10:59, 27.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  290 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 80 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын  2   пациент амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  24 676  адæймагæн, сæ  нымæцы – 22 687антигены тестæй  æмæ   1 989  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,18%,, фæстаг 14 боны –  1,14%,  фæстаг  7 боны  – 1,06%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 654 665  цау, уыдонæй  1 636 188  сæнæниз сты, 16 802 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 878 403   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 000.

Знон, 26  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  62 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  104,  коронавирусæй  рынчын иу  пациент дæр нæ амард.

Хуыздæр