Мака Бочъоришвили фембæлд Казахстаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ

11:49, 29.06.2026

Казахстаны республикæмæ визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны хицауады сæрдары хæдивæг æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили фембæлд республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ермек Кошербаевимæ.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, фембæлдыл премьер-министры плангонд визиты фæлгæтты Гуырдзыстон æмæ Казахстаны æхсæн стратегион партнерады сырæзты нысаниуæг банысан кодтой, кæцы гуырдзиаг-казахстайнаг дыууæфарсон ахастыты ног этапы райдайæн у æмæ алыварсон æмкуыстдзинадæн æххуыс кæндзæн.

«Фарсытæ æруынаффæ кодтой дыууæфарсон æммахастыты дарддæры рæзты перспективæтыл.Ахаххгонд æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн алкæмæй бæрзонддæр æмæ бæрзонд æмвæзады диалог бахъахъхъæныны нысаниуæг.

Сæрмагонд хъусдард сцырын ис Гуырдзыстон æмæ Казахстаны æхсæн «Астæуккаг къæлидоры» размæцыды æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон-экономикон бастдзинæдты фæтыхджындæр кæныны фæдыл» – ис фыст Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.

Хуыздæр