Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 92 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 241 пациент

11:11, 24.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  92 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 241 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын 3 пациент амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  6 708  адæймагæн, сæ  нымæцы – 5 261 антигены тестæй  æмæ   1 447 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,37%,, фæстаг 14 боны –  1,2%,  фæстаг  7 боны  – 1,15%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 654 255  цау, уыдонæй  1 635 791  сæнæниз сты, 16 800 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 877 150   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 98.

Знон, 23 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  87 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  259, дыууæ   адæймаг та  амард.

Хуыздæр