Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 72 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 161 пациент

10:55, 01.05.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  72 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 161 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын  3   пациент амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  7 287   адæймагæн, сæ  нымæцы – 5 617 антигены тестæй  æмæ   1 670  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 0,99%,, фæстаг 14 боны –  0,99%,  фæстаг  7 боны  – 0,85%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 655 170  цау, уыдонæй  1 637 198  сæнæниз сты, 16 810  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 882 520   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 425.

Знон, 30  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  153 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  237,  коронавирусæй  рынчын иу  пациент дæр нæ амард.

Хуыздæр