Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 342 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 161 пациент

10:59, 19.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  342 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 161 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  1 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  22 329  адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 436 антигены тестæй  æмæ   2 271 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,53%,, фæстаг 14 боны –  1,36%,  фæстаг  7 боны  – 1,18%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 653 460  цау, уыдонæй  1 634 474    сæнæниз сты, 16 794 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 873 980 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 992.

Знон, 18 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  74 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  357пациент, 1  адæймаг та  амард.

Хуыздæр