Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 51 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 95 пациент

11:04, 02.05.2022

 

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  51 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 95 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын  1  пациент амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  4 638    адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 223 антигены тестæй  æмæ   1 415  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,1%,, фæстаг 14 боны –  0,99%,  фæстаг  7 боны  – 0,84%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 655 221  цау, уыдонæй  1 637 293 сæнæниз сты, 16 811   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 882 587  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 38.

Знон, 1 зæрдæвæрæны, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  72 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  161,  коронавирусæй  рынчын 3  пациент амард.

Хуыздæр