Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 232 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 117 пациент

11:06, 20.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  342 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 117 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ничи амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  20 385  адæймагæн, сæ  нымæцы – 18 652 антигены тестæй  æмæ   1 733 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,14 %,, фæстаг 14 боны –  1,32 %,  фæстаг  7 боны  – 1,2 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 653 692  цау, уыдонæй  1 634 591    сæнæниз сты, 16 794  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 874 821  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 751.

Знон, 19 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  342 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  161, иу  адæймаг та  амард.

Хуыздæр