Мака Бочъоришвили – Дубровникы форумы сæйраг темæ у регионалон æмкуыстдзинад, ныхас кæндзыстæм Гуырдзыстоны ролыл регионы, бастдзинады контексты æмæ æппæтдунеон партнерады размæцыдыл
Дубровникы форум фæстаг азты ссис ахсджиаг фæзуат. Уый у Европæйы иуæй-иу конференци, кæцы æхсæнадæмон организациты æмæ æндæр æмæ æндæр паддзахадты бæрзонд рангы минæвæртты æрбамбырд кæны æхсæнадæмон ахастыты æмæ æттаг политикæйы нысаниуæгджын аспекттыл æруынаффæ кæныны тыххæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы форумы хайадист нысаниуæгджын у, уымæн æмæ Гуырдзыстонæн хорз фадат у нысаниуæгджын æмæ актуалон фарстатыл фæныхас кæнынæн.
«Ацы аз ацы форумы ныхасы сæйраг темæ у регионалон æмкуыстдзинад, бирæвекторон дипломати, кæцы махæн дæр тынг нысаниуæгджын у, æмæ ацы контексты ныхас кæндзыстæм Гуырдзыстоны ролыл регионы, уæрæхдæр регионы, бастдзинады контексты, æмтгæй райсгæйæ, æхсæнадæмон партнердзинады æмæ æмкуыстдзинады размæцыды контексты. Æз фембæлдтæн ЕÆÆО-йы генералон нымæрдаримæ Сымах зонут, цæмæй Гуырдзыстон бавдыста йæхи кандидатурæ ЕÆÆО-йы сæрдары постмæ фидæн аз Ацы æрдгæй нысаниуæгджын у консультацитæ æмæ куыст ЕÆÆО-йы уæнг бæстæтимæ, цæмæй Гуырдзыстонæн уа æнæмæнгхъæугæ фарсылхæцындзинад. æруынаффæ кæнæм æмæ ныхас кæнæм махæн нысаниуæгджын фарстатыл», -расидтис Бочъоришвили.