Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 74 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 357 пациент

11:07, 18.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  74 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 357 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  1 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  4 970   адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 436 антигены тестæй  æмæ   1 534 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,49%,, фæстаг 14 боны –  1,44%,  фæстаг  7 боны  – 1,21%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 653 118  цау, уыдонæй  1 634 313   сæнæниз сты, 16 793  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 872 820   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 26.

Знон, 17 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  115 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  272 пациент, 3  адæймаг та  амард.

Хуыздæр