Шота Рехвиашвили   -  Марнеулы  хъæутæм æрцыдысты  уæргъты ласæг компанитæ, кæцытæ æнæпроблемæйæ  æлхæнынц  продукци
Шота Рехвиашвили - Марнеулы хъæутæм æрцыдысты уæргъты ласæг компанитæ, кæцытæ æнæпроблемæйæ æлхæнынц продукци

Дæллаг Картлийы  гебрнатор  Шота Рехвиашвили  хъусын кæны, цæмæй   сырæздзæн номхыгъд  кæцымæ гæсгæ  дæр, цæрджытæн сæ бон уыдзæн  рад хæссын, цæмæй  продукцийы  ауæйы  рæстæджы  æнæхъæн  хъæуæй  иумæ  ма  цæуой.

Шота Рехвиашвили  куыд хъусын кæны,  афтæмæй,   хъæутæм æрбацыдысты уæргъты ласæг  компанитæ,  кæцытæ  æнæпроблемæйæ  исынц   продукци.

«Ам   уынæм æндæр бирæ   халындзинады,  кæцы  низты  хæлиукæнынадимæ баст   æмæ   превенцийы æрдгæй  бынтон æнæруадзгæ  у. Хъуамæ  рафыссæм  номхыгъд, кæцыйы  уæвæг  бинонтæ   зондзысты, абон, сом, иннæбон,   кæд   æрлæудзæн сæ рад, цæмæй   продуки  ауæй кæной,   афтæмæй  нæм ардæм æнæхъæнæй  хъæуæй  нæ  цæудзысты  æмæ  социалон дистанци дæр уыдзæн хъахъхъæд.  Уый  у  сæйраг  быцæусидт  æмæ   максимум  сараздзынæн   абонæй,   цæмæй  ацы  процесс   бирæ   рæвдзæй  ацæуа.  Абон  цы  хабар ис,  афтæма   знон  цы  фæзындтæ уыд, уый  æппæт   сты  фæдисон ,  продукци  уæй  кæны, фæлæ эпидемиимæ тохы æрдгæй   алы  домæнтæ  хæлынц», –   загъта  Шота Рехвиашвили.

Уымæ  уæлдай ма,  Марнеулы  сакребулойы   сæрдары  хæдивæг Мамука Навериани  хъусын кæны, цæмæй   абон   дыууæ хъæуы  Агъмамедлойы æмæ  Касумлойы   продукцийы  уæй  кæнынц.