Паата Имнадзе - Кæцыфæнды системæ, дохтыр кæнæ рынчындон нæ бафæраздзæн, кæд алчи иумæ фæрынчын уыдзыстæм уæд, ахæм у реалондзинад
Кæцыфæнды системæ, дохтыр кæнæ рынчындон нæ бафæраздзæн, кæд алчи иумæ фæрынчын уыдзыстæм уæд, – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæджы хæдивæг Паата Имнадзе, координацион советы рабадты фæстæ райхъусын кодта.
«Иу хатт уалдзæжды загътон, дыккаг хатт та фæззæджы æмæ стæй уымæй сцырын кодтой скандал, æз куы зæгъын, уæд мæ ныхæстыл бæрнон дæн кæддæриддæр. Хуымæтæг тасыæфтауын иу нæ вæййынц мæ ныхæстæм. Афтæ архайын уыцы мæтæфтауæг реалондзинад равдисын, кæцы нын æрлæудзæн куы нæ бахъахъхъæнæм хуымæтæг регуляцитæ, уæд. Уæхæдæг дæр дзæбæх кæсут медиамæ, цы уавæр ис сегасдæр размæцыд бæстæты, сеппæтæй фидар æнæнизхъахъхъæды системæ кæмæн ис, ахæм бæстæты. Кæцыфæнды системæ, дохтыр кæнæ рынчындон нæ бафæраздзæн, фæнды иууыл немыцаг рынчындæттæ рахæссæм ардæм сæ немыцаг дохтыртимæ, уæддæр нæ бафæраздзæн, кæд алчи иумæ фæрынчын уыдзыстæм уæд. Афтæ уыдзæн, куы нæ æххæст кæнæм регуляцитæ уæд. Иунæг системæ, иунæг дохтыр, иунæг рынчындон нæ бахъом уыдзæн ахæм уавæрæн», – райхъусын кодта Паата Имнадзе.