Италийы Фæстаг 24  сахаты мидæг  бæстæйы коронавирусæй амард  260 адæймаг
Италийы Фæстаг 24 сахаты мидæг бæстæйы коронавирусæй амард 260 адæймаг

14 марты фæстæ   фыццаг хатт, Италийы   коронавирусæй  фæмардуæвджыты  нымæц сеппæтæй  ныллæгдæр у.

Фæстаг 24  сахаты мидæг  бæстæйы   «Ковид-19» -æй 260 адæймаг амард.

Вирусы ахлиуæй  абоны  онг, Италийы   коронавирусæй  197 665  адæймаг  фæрынчын ис. Фæмард  26 644  пациент.  Вирусæй   Италийы   64  928 адæймаг  рандидзыд.