Сомихаг медийы информацимæ гæсгæ, «Сомих» æмæ «Тыхджын Сомихыстоны» блокты штабы агурæн мадзæлттæ цæуынц, барадхъахъхъæнджытæ та парламентон кандидат Хасмик Сахрадианы æрцахстой
Сомихы горæт Гюмрийы басгæрстытæ æмæ ахстытæ цæуынц. Сомихаг медийы информацийæ, бынæттон рæстæгæй райсомы 5 сахатыл блок «Сомих»-ы штабы райдыдта агурæн куыстытæ, æмæ барадхъахъæнджытæ æрцахстой депутатмæ кандидат Хасмик Сахрадяны.
Медийы хъусинагæй, басгæрстытæ афтæ дæр цæуынц барты хъахъхъæнæг Карапет Погосяны фатеры æмæ «Тыхджын Сомихыстоны» штабы.
Инциденты фæдыл Самвел Карапетян медиимæ ныхасы рæстæджы дзуапп ратта. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый ноджы иу худинаг архайд у альянсы ныхмæ.