АИШ, Франц, Германи, Итали æмæ Стыр Британи  Уæрæсейы ныхмæ  уæлæмхас  санкцитæ  сфидар кæныны  фарстайыл æрныхас кодтой
АИШ, Франц, Германи, Итали æмæ Стыр Британи Уæрæсейы ныхмæ уæлæмхас санкцитæ сфидар кæныны фарстайыл æрныхас кодтой

АИШ-æ, Франц, Германи, Итали æмæ Стыр Британи  Уæрæсейы ныхмæ уæлæмхас  санкцит сфидар кæныны фæдыл æрныхас кодтой.  Фæнысангонды фæдыл  АИШ-ы паддзахадон  департамент публикаиц кæны  фидиуæн.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг, Вэнди  Шермани, йæ коллегæтимæ  иумæ  Францæй, Германийæ, Италийæ æмæ Стыр Британийæ,  Паризы  æркастысты  Уæрæсейы Федерацийы  ныхмæ  улæмхас  санкцитæ  сидар кæнын æмæ Украинайæн æххуыс адарддæр кæныны  дарддæры  къахдзæфтæ.

«Фембæлды  хайадисджытæ  æрныхас  кодтой, уæлæмхас санкцитæ  сфидар кæныны  фæндæгтыл,  афтæ  куыд  æндæр   мадзæлттыл, цæмæй  Уæрæсейы Федераци дзуаппмæ  лæвæрд æрцæуа» – дзырдæуы  фидиуæны.

Фидиуæнмæ  гæсгæйæ,   фарсытæн уыд  уæрæх дискусси  Уæрæсейы Украинамæ  лæбурды  тыххæй,  хъахъхъæнынады  стынг кæныны нысанæн æфсæддон æххуыс адарддæр кæныны нысаниуæгыл  æмæ   милуангай адæймагæн  гуманитарон  æххуысы тыххæй, кæцытæ  тыхыбын фесты  сæ хæдзæрттæй  сыстын.

Фарсытæ афтæдæр  æркастысты  Уæрæсейы  бырстæй  расайгæ  глобалон   хæлцадон æдасдзинадимæ баст фарстатæ.