Стыр Британи æмæ Китай æндæр æмæ æндæр фадгуыты 10 æмгуыстады бадзырд бафыстой
Стыр Британи æмæ Китай æндæр æмæ æндæр фадгуыты 10 æмгуыстады бадзырд бафыстой

Стыр Британийы премьер-министр Кейр Стармер æмæ Китайы президент Си Цзиньпины фембæлды фæстæ, дыууæ бæстæ бафыстой дæс æмгуыстады бадзырд æндæр æмæ æндæр секторты æхсæн, хъусын кæны ВВС.

Медийы хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, бадзырдтæ хауынц организацигонд фыдракæндтæ æмæ æнæзакъонон миграцийы ныхмæ тохы æмгуыстадмæ, афтæ ма æнæниздзинад хъахъхъæныны, профессионалон ахуырады, хæдзарон æххуысы æмæ спортивон индустрийы æмгуыстадмæ. Æмгуыстад ма йæхимæ дары Стыр Британийы экспорт Китаймæ рауæрæх кæнын æмæ Стыр Британи-Китай Иумæйаг Экономикон æмæ Базарадон Къамисы фæлгæтты æмгуыстад фæарфдæр кæнын.

Кеир Стармер куыд банысан кодта афтæмæй, Китайимæ ахастытæ фæтыхджындæр кæнын Стыр Британийы националон интерестæм хауы.

“Махæн уыд тынг хорз, продуктивон сесси реалон, конкретон фæстиуæгтимæ, æмæ уый уыд ахастыты æцæг фидаргæнæн. Уый у националон интересты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Китайы ис стыр фадæттæ. Уый у дунейы дыккаг стырдæр экономикæ, уый тыххæй нæ ам æвдыст цæуы ахæм стыр бизнес-делегаци. Бирæ ныхас цыд, куыд нæ бон у ацы фадæттæм бацæуын. тынг хорз прогресс сарæзта вискийы тарифтæ, Китаймæ æнæвизæйæ балцы, информацийы дих кæныны æмæ æнæзакъонон миграцийы ныхмæ тохы», — загъта Стармер.