Дунейы туризмы организаци  - «Ковид-19»-ы  пандемийы  тыххæй, туристон  сектор  2020  азы  фыццаг  фондз мæйы мидæг,  320  миллиард  доллары бæрц  зиан баййæфта
Дунейы туризмы организаци - «Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй, туристон сектор 2020 азы фыццаг фондз мæйы мидæг, 320 миллиард доллары бæрц зиан баййæфта

«Ковид-19»-ы  пандемийы  тыххæй туристон  сектор  2020  азы  фыццаг  фондз мæйы мидæг,  320  миллиард  доллары бæрц  зиан баййæфта. Уый фæдыл  информаци  хъусын кæны  Дунейы туризмы организаци.

Фидиуæны  мидæг дзырдæуы, цæмæй  коронавирусы фæстиуæгæн бавзаргæ  зиан  2009 азы  финансон кризисы  фæстиуджытæй æртывæр фыддæр уыдис.

Организацийы  куыд хъусын кæнынц,  афтæмæй,  2020 азы   фыццаг  фондз мæйы мидæг æхсæнадæмон туристон къада  фæкъаддæр ис  56%-æй.

«Фæстаг бæрæггæнæнтæ  æвдисынц  куыд нысаниуæгджын  у  туризмы сæндидзын кæнын. Драмон дæлæмæцыдæй  милуангай  адæймагы  цардæн хæссы рискъ», –  райхъусын кодта  Дунейы Туризмы  организацийы  генералон нымæрдар Зураб Пололикашвили.