Дунейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц  сырæзт 3 116 680-ы онг
Дунейы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц сырæзт 3 116 680-ы онг

Дунейы  масштабæй  эпидемийы   райдаыны фæстæ  коронавирусæй  инфицирады  æвдисæг  æртæ милуан  сæдæ минæй  ахызтис.

Джонс Хопкинсы   университеты  бæрæггæнæнты   базæмæ гæсгæйæ,   абоны онг    ног  коронавирус, дунейы  фæбæрæг ис  3 116 680 адæймагмæ.

Афтæма,  «Ковид-19»-æй абоны онг   сдзæбæх ис  928 712  адæймаг.

Дунейы масштабæй   коронавирусы амттаг ссис  217000-æй  фылдæр адæймаг. Вирусæй  фæмардуæвджыты   æмæ   фæрынчынуæвджыты  нымæцмæ гæсгæ  фыццаг бынатыл  ис  АИШ-æ.

Европæйы масштабæй  та,   сеппæтæй  фылдæр адæймаг  фæмард  Италийы,  инфицирады сеппæтæй  фылдæр цау та  сбæлвырд ис  Испанийы.