The Washington Post Гуырдзыстоны схуыдта, коронавирусы ныхмæ тохы иуæ-иу сегасдæр æнтыстджын дæнцæй
«Вашингтон Пост» Гуырдзыстоны схуыдта «Ковид-19»-æн бафæразыны иуæй-иу æнтысджындæр дæнцæй. Статимæ гæсгæ, глобалон панлдеми равдыста, цæмæй ахæм æртъхъирæнæн бафæразыны æрдгæй чысыл бæстæтæ бирæ æнтыстджындæр сты, фæлæ ахæм стыр æмæ фидар паддзахадты, цахæм дæр сты АИШ, Стыр Британи, Уæрæсе æмæ Китай, пандемийы фæстиуджытæ сæрмагондæй уæззау сты.
«Ацы рæстæджы иуæй-иу чысыл бæстæ, нымадмæ ист æрцыд, уымæн æмæ Дуне ныр уыдон цы рагафойнон æнтыстмæ æрцыдысты уымæ кæсы» – фыссы «Вашингтон Пост».
«Вашингтон Пост» Гуырдзыстоны тыххæй фыссы: «Сыхаг Уæрæсейы корронавирус куы абухы уыцы рæстæджы, Гуырдзыстон у сабырдзинад сакъадахау. Бæстæйы 3.75 милуан цæрæг ис, коронавирусы бæлвырд цауты нымæц 700-йæ къаддæр у, амард æрмæст 12 адæймаг, æмæ уый æппæты тыхæхй Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци бæстæйæ æппæлгæ дæр кодта».
Статийы банысангонд у, цæмæй хицауады афойнадон мадзæлттæ, цахæм дæр уыд январы кæронæй аэропортты райдайгæ æнæмæнгхъæугæ термоскрининг æмæ æхсæнадæмон балцыл арæнæвæрдтæ, бæстæйæн вирусы апарахат фæурæдæн баххуыс кодтой.
«Вашингтон Пост» фыссы, цæмæй инфекцийы ахæлиуы темп фæсындæг кæныны æмæ Гуырдзыстоны туризм ногæй байгомы фидæны пъланты фоныл, АИШ-ы бæстæйы минæвар Давит Бакрадзе хъусын кæны, ома йæ офис зæгъгæ цымидисдарæг америкаг бизнес æмæ бæлццонон куырдиæттæ исы.
Бакрадзе дзуры, цæмæй Гуырдзыстон асæй чысыл кæй у уый тыххæй, бæстæйы мидæг змсæлды рискъыты æрдæм бирæ хъавгæ дæр скодта.
Бакрадзе афтæджæр банысан кодта, цæмæй бæстæ бирæ цыдæр бавзæрста Советон цæдисы ныппырхы фæстæ æмæ æмбæстæгтæ цæттæ уыдысты, ахæм нывонд скæнын, цахзæм дæр у æхсæнадæмон тахтытæ тобæ æмæ социалон контролы æндæр мадзæлттæ.
«Мах тынг вазыгджын периоды иумæ лæууын ахуыр стæм» – хъусын кæны Давит Бакрадзе.
«Вашингтон Посты» статийы, «Ковид-19»-ы ныхмæ тохы æнтыстыджын дæнцæй афтæдæр бавдыст сты Въетнам, Гана, Коста-Рика, Ливан æмæ Ног Зеланди.