Паддзахадон министры аппарат - Пандемимæ æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад, оккупацигонд Абхазы æмæ Цхинвалы регионты цæрджытæн медицинон лæггад нæ фæурæдта
Фидыды æмæ æмбæстагонд æмбарады фарстаты паддзахадон министры аппарат ахæлиу кодта информаци, цæмæй цы арызт æрцыд пандемийы периоды оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæн æххуысы æрдгæй.
Паддзахадон министры аппараты информацийы, хъусдард здæхт у коронавирусы периоды цы мадзæлттæ ауагъдтой уыдоны рдæм, афтæдæр дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад уымæ уæвæг алы мæцъистæй пандемийы размæ дæр, æнæаскуынгæ режимæй куыста оккупацигонд территоритыл цæрæг уæнгты проблемæтыл реагиркæныны нысанæй.
Фидиуæнмæ гæсгæ, коронавирусы периоды ауадзгæ мадзæлттæ цыппар æрдæмадмæ æххæссынц:
«Зонындзинад сбæрзонддæр кæныны нысанæн, цыбырдæр æмгъуыдтæм, абхазаг æмæ ирон æвзæгтæм ивд рцыд ковид-инфекцимæ тох кæныны нысанæн рекомендациты æмæ превентивон мадзæлтты фæдыл информацион æрмæг. Сæ нымæцы, низты контролы националон центры бакуыст протоколтæ æмæ куыд архайын хъæуы уый фæдыл информаци;
Афтæдæр официлон веб-фарсыл www.stopcov.ge рæувадат ссис информаци абхазаг æмæ ирон æвзæгтыл; фæлтæрддзинад фæхай кæныны нысанæн, бынæттон дохтыртæм регулярон режимы лæвæрд цæуы онлайн-консультацитæ æмæ æмбæлгæ амындтæ гуырдзиаг специалистты æрдгæй;
Гуырдзыстоны хицауады æххуысæй, Абхазы регионы сæххæст ис æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы мисси, бынатыл уæвæг уавæрæн аргъ скæныны æмæ рекомендацитæ бакусынæн;
Пандемийæн бафæразынæн, Гуырдзыстоны хицауады æмæ æхсæнадæмон организациты æрдгæй, Абхазы регионмæ регуляронæй лæвæрд цæуы медицинон ифтонггæрзтæ, медикаменттæ æмæ гигиенæйы фæрæзтæ. Хос кæнынц коронавирусæй фæрынчынуæвæг адæймагтæн Гуырдзыстоны контролы дæлбар территорийыл», – дзырдæуы фидиуæны.
Паддзахадон нымæрдары аппараты хъусинагæй, пандемийы æмæ архайæг арæнæвæрдтæм æнæкæсгæ, хицауад нæ баурæдта æндæр æм æндæр медицинон лæггад Абхазы æмæ Цхинвалы регионы цæрæг адæймæгтæн. 22 мартъийæ абоны онг, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтæй централон хицауады контролгонд территоримæ 1000-ы онг адæймаг рахызт, уыдонæй 316 æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс кæмæн хъуыд, ахæм паицентты æндæр æмæ æндæр диагнозимæ комкоммæ рынчындæттæм фæхæццæ кодтой. Æрмæст 589 уæнгмæ, сæ карантины периоды аивгъуыды фæстæ лæвæрд æрцыд æмбæлгæ медицинон лæггад.
«Мах пайда кæнæм алы формалон æмæ æнæформалон гæнæн коммуникацион каналтæй, цæмæй нын уа активон коммуникаци Абхазы регионы цæрæг æхсæнады алы æмбæлгæ зылдимæ, сæ нымæцы медицинон сферæйы минæвæрттæм уый тыххæй, цæмæй регуляронæй исæм информаци оккупацион хаххы иннæ æрдгæй, цæмæй хъуаг сты, цы хуызы æххуыс сæ хъæуы æмæ цавæр проблемæты раз лæууынц, уый фæдыл. Хъыгагæн, Ахалгоры æрдæм . «ахизæн пунктæй» цы хонынц, уый æрыхгæды фæстиуæгæн, ацы афонмæ бынтон æхгæд æмæ аразгæйæ изоляцигонд у Цхинвалы регион.
Хицауады уыцы тæккæйæ равдыста бынæттон цæрджытæн æххуысмæ цæттæдзинад, куыд æхсæнадæмон партнерты, афтæ тæвд хаххы фæрцы, фæлæ ацы афонмæ æххуысы фадат нæй. Фæнысангонды тыххæй, Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитетмæ – бынатыл кусæг иунæг æхсæнадæмон организациимæ, бавдыстæуыд куырдиат, цæрджытæн гуманитарон æмæ медицинон æххуыс фæфылдæр кæныны фæдыл, кæцы æрхаста конкретон фæстиуджытæ.
Фидæны дæр архайдзыстæм æмæ сагъæс кæндзыстæм конфликтæй зианбавзарæг цæрджытыл дихгæнæг хаххы дыууæдæр фарсыл», – банысангонд у фидыды фарстаты паддзахадон министры аппараты ахæлиугонд информацийы.