Лаша Дарсалия – Женевæйы боны фæткы куы уыд лигъдон адæймæгты æрыздахыны фарста, уæд уырыссаг делегаци бадзырдтæ ныууагъта
Женевайы æхсæнадæмон дискусситы 62-æм турыл, куыддæр лигъдон адæймæгты æрыздахыны фарста боны фæткы уыд, уæрæсейаг делегаци бадзырдты фынгæй рахызт, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры фыццаг хæдивæг, Лаша Дарсалия расидтис.
Дарсалиайы ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы æхсæз пунктон бадзырды банысангонд фарстатæй дарддæр алцæуыл дæр ныхас кæнын хъавынц.
«Хъыгагæн, куыд æппæт иннæ турты цауы, куыддæр боны фæткы уыд æрцæуæггаг адæймæгты æрыздæхты фарст, уæрæсейаг делегаци бадзырдты стъолæй ныууагъта æмæ афтæмæй, куыд æппæт иннæ туртæ, афтæ дæр бадзырдты процесс нæ фæрæстмæ ис. Куыд зонут, афтæмæй, Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы формат арæзт у æхсæз пунктон бадзырд сæххæст кæнынæн, уымæ гæсгæ ардыгæй цæуы Гуырдзыстоны делегаци æмæ куыд алы туры, афтæ махæн дæр сæйраг фарста у уырыссаг хотыхджын тыхтæ оккупацигонд территоритæй æмæ лигъдон адæймæгты æрыздæхт, афтæ дæр оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты уавæры фарстатæ, фæнды Гуырдзыстоны æмбæстæгты ахст, лæгмардтæ , афтæ хуынæг арæнæвæрд æмæ афтæ дарддæр.
Хъыгагæн, нæм ис ахæм реалондзинад, цыран Уæрæсейы Федераци хъавы дзурын алцæуыл дæр, ацы фарстатæй дарддæр. Уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ хæссынц алыгъуызон фарстатæ, кæцытæ æппындæр не сты Женевæйы боны фæткмæ æмæ афтæмæй архайынц хъусдард иннæрдæм аздахыныл. Зæгъæм, фæстаг цалдæр туры ныхас кæнынц Женевæйы ныхас æндæр горæтмæ ахæссыныл æмæ афтæ дарддæр.
Мах æппынæдзух сидæм Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй æрыздæхой боны фæткыл ныхас кæнынмæ, æндæр, æнæахадгæ фарстатæй йæ æгæр мауал æвæрой, æмæ раздæхой æцæг боны фæткы ныхас кæнынмæ. Уырны нæ, цæмæй нæ партнерты фидар позици æмæ фарсылхæцындзинадæй, раджы уа æви фæстæдæр, нæ бон уыдзæн æхсæз пунктон бадзырды реалон боны фæткыл æруынаффæ кæнын», – расидтис Лаша Дарсалиа.