Паата Имнадзе – Цъус нæ мæты æфтауы уый, цæмæй бæстæйы фæзындис мид ахæлиуы ног цаутæ
Цъус нæ мæты æфтауы уыцы факт, цæмæй бæстæйы фæзындис мид-ахæлиуы ног цаутæ, – уый фæдыл низты контролы националон центр къухдариуæггæнæджы хæдивæг Паата Имнадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы алæвæрд «Ахали Дгъейы»-йы загъта.
Имнадзе куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, зæгъгæ рабæрæг ис ног кластертæ, адон сты Лилойы базар æмæ Гачиани.
«Мæты нæ æфтауы уый, цæмæй бæстæйы фæзындис мид-ахæлиуы ног цаутæ, адон сты ног кластертæ, Лилойы базар æмæ Гачиани. Бæрæг периоды дæргъы уыдис æрмæст æрбахæсгæ цаутæ. Ахæм цауты вирус æрбахæссынц нæхи æмбæстæгтæ, кæцытæ фæстæмæ æздæхынц фæсарæнтæй, афтæма уæзласæн хæдтулгæты тæрджытæ, кæцытæ иу уысм дæр нæ баурæдтам, адон сты базарадон артеритæ æмæ нæй гæнæн ацы фæндæгтæ сыхгæнын. Уый мах тынг карз контрол кæнæм. Бирæтæ зæрдæхудт сты карантины режимы тыххæй, бæстæмæ куы æрцæуынц, фæлæ нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый æмæ инфицирады цауты зæгъæн ис æртыккæгæм хай, кæцы нæ бæстæйы сты регистрацигонд, растдæр карантины зонæты фæрцы рабæрæг сты æмæ ныр зæгъгæ ацы адæймæгтæ, цæмæй сæ бинонтæм бацыдысты, уæд вирус фылдæр ахæлиу уыдаит. Фыццаджы дæр, ацы вирус хæлиу кæны хæстæг контакттæй, дæргъвæтин контакттæй, ахæм контакттæ вæййы бинонты уæнгтимæ æмæ кусæнуатты, уый тыххæй дæр нæ цауты фæфылдæр мæты æфтауы», – райхъусын кодта Имнадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон дæр фондз къорд кусы Лилойы, уый бæрц Гачианийы дæр, цæмæй максималонæй раргом кæнæм фæрынчынуæвджыты, афоныл сæ изоляци скæнæм, схос сын кæнæм, бацагурæм сæ контакттæ, æмæ сæм нæ цæст бадарæм зæгъгæ.