Ног Зеландийы  хицауады   скуыддзагæй,  Китайæ  ныццæугæ  фæсарæйнаг   æмбæстæгты бæстæмæ  нæ бауадздзысты
Ног Зеландийы хицауады скуыддзагæй, Китайæ ныццæугæ фæсарæйнаг æмбæстæгты бæстæмæ нæ бауадздзысты

Ног Зеландийы  хицауады   скуыддзагæй,  Китайæ  ныццæугæ  фæсарæйнаг   æмбæстæгты бæстæмæ  нæ бауадздзысты.  Фæнысангонд мадзæлттæ   Ног Зеландийы   хицауад райста  коронавирусы  ахлиуы  тасы   тыххæй. Скуыддзаг йæ тыхмæ бахиздзæн къуырисæрæй  æмæ  14  бон  аххæссдзæн.

Уымæй  дарддæр ма,  Ног Зеландийы   фæсарæн хъуыддæгты  министрад  æмбæстæгтæм æрсидтис,  ма  балц  кæной Китаймæ.  Китайæ  æрыздæхгæ  Ног Зеландийы æмбæстæгтæ  та, тыхыбын уыдзысты 14  боны  изоляцийы  арвитын.

Коронавирусæй  фæмардуæвджыты   нымæц,  305-æ  аххæссыд.  Инфициргондты  нымæц та у  14300.  Коронавирус  дунейы  25 бæстæйы   сфиксир ис.