Сомихыстоны централон æвзарæн къамисы фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъæлæсты 80%-æй фылдæр банымадтой, Никол Пашиняны партийæн ис 50.07 процент
Сомихыстоны централон æвзарæн къамисы ноггонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 08:00 сахатмæ гæсгæ, хъæлæсты 80%-æй фылдæр банымадтой, кæнæ та 1 милуан 298 мин 251 хъæлæсы.
Хицаугæнæг парти «Æмбæстагон контракт» 50,07%-æй разæй цæуы. Дыккаг бынатыл ис «Тыхджын Сомихыстон»-ы блок 23,33%. Æртыккаг бынатыл ис «Сомихыстон»-ы блок 9,83%. Цыппæрæм бынатыл ис парти «Дидинæфтыд Сомихыстон» 4,03%. Иннæ партитæн сæ бон нæу 4% æвзарæнон æмвæзад ахизын.
Æдæппæтæй æвзæрстыты сæ хъæлæстæ радтой 1 476 597 æвзарæджы.
Сомихы закъонмæ гæсгæ, стабилон парламентон фылдæры хай куы не ‘рцæуа арæзт, уæд 28 боны æмгъуыдмæ уагъд цæуы дыккаг тур. Дыккаг туры архайынц уыцы дыууæ парти, кæцытæ фыццаг туры фылдæр хъæлæстæ райсой.