Турк Сомихыстонимæ дыууæфарсон базарады арæнæвæрдтæ систа.
Сомихыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-спикер Ани Бадалян фехъусын кодта, зæгъгæ, Ереван æхсызгонæй райсы Турчы уынаффæ, цæмæй аиуварс кæна дывæрсыг базарады барьертæ Сомихыстонимæ, кæцы у Сомихыстон æмæ Турчы æхсæн ахастытæ нормалон кæныны процессы ноджы иу фæстиуæг.
«Ацы уынаффæ æнæмæнгхъæугæ у дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон æмæ хъуыддагон бастдзинæдты рауæрæх кæныны, регионы экономикон интеграцийы размæцыды, афтæ дæр сабырад æмæ дидинæфтыд сифтонг кæныны къуымæй.Хахх кæнæм, цæмæй уый у нысаниуæгджын къахдзæф дыууæ бæстæйы æхсæн æххæст æмæ нормалон ахастыты рæзты æрдæм, кæцытæ логикон æгъдауæй гæнæн ис адарддæр уой сомихаг-туркаг арæны байгом æмæ дипломатон ахастыты сфидар кæнынæй», -ис фыст расидæны кæсы Сомихыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады пресс-спикер.
Уæдмæ та, Турчы æттаг хъуыдтæгты министрады пресс-спикер Онцу Кецел расидтис, цæмæй Турк æмæ Сомихыстоны æхсæн комкоммæ базарады райдайæнимæ баст бюрократон процесс 2026 азы 11-æм маймæ фæцис.
«Дыууæ бæстæйы æхсæн иумæйаг арæн байгом кæныны тыххæй хъæугæ техникон æмæ бюрократон куыст нырма дæр цæуы», — загъта Онджу Кечел.