Никол Пашинян – Сомихыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ æртыккаг фарсыл баст не сты, ахастытæ сты стратегион, æфсымæрон æмæ дарддæр дæр афтæ уыдзысты
Сомихыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ æртыккаг фарсыл баст не сты æмæ фидæны дæр стратегион æмæ æфсымæрон уыдзысты – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян расидтис.
Сомихаг медийы информацийæ, ацы расидæн Сомихы премьер-министр брифингыл сарæзта, цы ран дзуапп ратта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзейы ныхæстæн, цæмæй «Евроцæдисæн йæ бон нæ уыдзæн ирон-гуырдзиаг ахастытыл бандæвын».
Журналисты фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Пашинян банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн ис ахсджиаг æмæ сæйраг бынат Сомихыстон-Евроцæдисы ахастыты.
«Гуырдзыстон иттæг нысаниуæгджын æмæ сæйраг роль æххæст кæны сомихаг-европæйаг æммахастыты, æмæ тынг тыхст стæм уæвæг уавæрæй.Мах хъуыды кæнæм, цæмæй ацы уавæр хъуамæ регуляцигонд æрцæуа», -расидтис Пашинян.
Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, Сомихстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæн ницы бастдзинад ис æндæр бæстæтимæ кæнæ æхсæнадæмон организацитимæ ахастытæм; Сомихыстон-гуырдзиаг ахастытæ сты стратегион, дæргъвæтин, историон æмæ æфсымæрон характерæй æмæ афтæ уыдзысты фидæны дæр.
«Æндæр сценарийæн хуымæтæджы нæй гæнæн», — банысан кодта Сомихы премьер-министр.