Арчил Каландиа – Фембæлдыл, Гуырдзыстоны, Туркы æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министртæ æмгуыстады фæтыхджындæр кæныныл æруынаффæ кæндзысты æмæ иумæйаг деклараци бафысдзысты
Арчил Каландиа – Фембæлдыл, Гуырдзыстоны, Туркы æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министртæ æмгуыстады фæтыхджындæр кæныныл æруынаффæ кæндзысты æмæ иумæйаг деклараци бафысдзысты

«Гуырдзыстоны, Туркы æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлд Стамбулы уыдзæн регионалон æмæ глобалон бастдзинады, базарадон-экономикон æмкуысткæнынады æмæ энергетикон æдасдзинады фæдыл æмкуыстдзинад фæтыхджындæр кæныныл» – райхъусын кодта Турчы Гуырдзыстоны минæвар Арчил Каландиа.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Стамбулы дæр къухфыст æрцæудзæн иумæйаг деклараци.

«Абон Стамбулы ацæудзæн Гуырдзыстоны, Турчы Республикæйы æмæ Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты æртæвæрсыг фембæлд. Уый у ахсджиаг платформæ нæ сыхаг æмæ стратегион партнер бæстæтимæ æмгуыстад ноджы фæарфдæр кæнынæн, куыд дывæрсыг, афтæ дæр бирæвæрсыгæй.

Фембæлды дзырд цæудзæн регионалон æмæ дунеон бастдзинады, базарадон-экономикон ахастыты, энергетикон æдасдзинады æмæ æндæр актуалон темæты æмгуыстад фæтыхджындæр кæныныл. Фембæлды фæстиуæгæн министртæ иумæйаг пресс-конференци ауадздзысты. Фыст æрцæудзæн иумæйаг деклараци.

Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстоны вице-премьер æмæ æттаг хъуыдтæгты министр хицæн дывæрсыг фембæлдтæ ауадздзысты туркаг æмæ азербайджайнаг коллегæтимæ. «Глобалон æмæ регионалон бастдзинад, энергетикон æдасдзинад, базарадон-экономикон æмгуысткæнынад, афтæ ма Хуссар Кавказы регионы сабырад æмæ стабилондзинады дарддæры фидар кæнын иууылдæр ныхас цæудзæн фембæлды рæстæджы», — загъта Арчил Каландиа.