Марина Эзугбаиайы  куырдиатæй,  коронавирусæй  инфициргонд  æртæ пациенты  уавæр  проблемон у
Марина Эзугбаиайы куырдиатæй, коронавирусæй инфициргонд æртæ пациенты уавæр проблемон у

Тбилисы  инфекцион рынчындоны   медицинон директоры, Марина Эзугбаиайы  куырдиатæй,  Гуырдзыстоны  коронавирусæй фæрынчынуæвджыты  нымæц   40-мæ  ахæццæ ис зæгъгæ.

Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,   уыдонæй 31  пациент  Тбилисы  инфекцион рынчындоны  хуыссынц.

Эзугбаиайы  æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ,   31  пациентæй   æртæй  уавæр у уæззау.

«31 пациентæй  æртæйы  уавæр  проблемон у. Иу пациент, кæцыйы  кар  у  80 азæй  фылдæр –  рынчын у æрдзæй рахæсгæ уæззау неврологион низæй.   Ахæм цауы  гæнæн ис   пациенты   уавæр   фæкарздæр уа,  низы кæцы фæнды рæстæджы æмæ прогноз  бауа  æнæхæрзæууæнк. Уымæй  уæлдай ма, дыууæ проблемон   пациент нæм ис. Уыдон дæр  проблемон сты  уымæн æмæ  сæ  иумæ  фæбæрæг ис гипертонион  низ æмæ уый тыххæй  ацы  пациентмæ гæнæн ис  низы  прогрес, фæкарз, кæцыфæнды периоды  æмæ   прогноз  раттынæн   æгæр  вазыгджын у.   Æртыккаг  уæззау  пациентмæ гæсгæ ацы  этапыл  йæ  уавæр абаргæйæ  æвæрццаг у, фæлæ   компьютерон томографийæ фæбæрæг ис,  цæмæй   уавæр  динамионæй  фæкарз ис. Прогноз  саразынæн   ацы  æртæ  пациенты  уавæр у  тынг серьозон æмæ  сын æнæмæнгхъæугæ  у  динамион  цæстдард»-  банысан кодта  Марина Эзугбаиа.

Тбилисы  инфекцион рынчындоны медицинон директоры  информацийæ, иннæ   пациентты уавæр  стабилон  у.