Марина Эзугбаиайы куырдиатæй, коронавирусæй инфициргонд æртæ пациенты уавæр проблемон у
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры, Марина Эзугбаиайы куырдиатæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц 40-мæ ахæццæ ис зæгъгæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæй 31 пациент Тбилисы инфекцион рынчындоны хуыссынц.
Эзугбаиайы æмбарынгæнæнтæм гæсгæйæ, 31 пациентæй æртæй уавæр у уæззау.
«31 пациентæй æртæйы уавæр проблемон у. Иу пациент, кæцыйы кар у 80 азæй фылдæр – рынчын у æрдзæй рахæсгæ уæззау неврологион низæй. Ахæм цауы гæнæн ис пациенты уавæр фæкарздæр уа, низы кæцы фæнды рæстæджы æмæ прогноз бауа æнæхæрзæууæнк. Уымæй уæлдай ма, дыууæ проблемон пациент нæм ис. Уыдон дæр проблемон сты уымæн æмæ сæ иумæ фæбæрæг ис гипертонион низ æмæ уый тыххæй ацы пациентмæ гæнæн ис низы прогрес, фæкарз, кæцыфæнды периоды æмæ прогноз раттынæн æгæр вазыгджын у. Æртыккаг уæззау пациентмæ гæсгæ ацы этапыл йæ уавæр абаргæйæ æвæрццаг у, фæлæ компьютерон томографийæ фæбæрæг ис, цæмæй уавæр динамионæй фæкарз ис. Прогноз саразынæн ацы æртæ пациенты уавæр у тынг серьозон æмæ сын æнæмæнгхъæугæ у динамион цæстдард»- банысан кодта Марина Эзугбаиа.
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры информацийæ, иннæ пациентты уавæр стабилон у.