Марина Эзугбаиайы   хъусинагæй, коронавирусы  15 ног цауæй дыууæйы  инфицирады равзæрæн  бæрæг нæу
Марина Эзугбаиайы хъусинагæй, коронавирусы 15 ног цауæй дыууæйы инфицирады равзæрæн бæрæг нæу

Тбилисы  инфекцион   рынчындоны   медицинон    директоры   Марина  Эзугбаиайы   хъусинагæй,   Гуырдзыстоны   фæстаг  24  сахаты  дæргъы  корронаирусы  15 ног  цау  рабæрæг ис зæгъгæ.

Афтæмай йæ ныхæстæм гæсгæ,  фылдæр  цауты  инфицирады  равзæрæн бæрæг у  æмæ æрмæст   2  пациенты  инфицирады  равзæрæн   иртасынц.

«Ацы 15  цауæй  фылдæр  сæ равзæрæн  бæрæг у.  Адон сты  Болнис, Марнеули, Тетрицъхъаро æмæ æрмæст дыууæ пациент  ис  ахæм, кæцыты  инфицирады равзæрæн ацы  этапыл нæу бæрæг  æмæ  дарддæр кæнæм  лæмбынæг эпидемиологион иртасын», –  райхъусын кодта Марина Эзугбаиа.

Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  бæстæйы масштабæй   ковиды райсæг  хайадты, ацы рæстæгмæ   хос кæнынц   449  пациентæн.