Марина Эзугбаиа - Коронавирусы ног цауты фылдæр баст сты Ачъараимæ 11 фæрынчынуæвæгыл та дарддæр кæны эпидемиологион иртасæн
Коронавирусы ног цауты фылдæр баст сты Ачъараимæ, 11 фæрынчынуæвæгыл та дарддæр кæны эпидемиологион иртасæн – уый фæдыл Тбилисы инфекцион рынчындоны клиникон менеджер Марина Эзугбаиа фехъусын кодта.
«Абон нæм ис ноджы 152 ног цау. Уыдонæй 90 сты Ачъараимæ баст, 15 сты Кутаисы 32-æм сколайы цаутæ, 15 «Ингур-ГЭС-ы» кластерæй, 17 сты фæрынчынуæвджытимæ контакттæ, цыппар импортиргонд æмæ 11 цауы фæдыл дарддæр кæны иртасæн. Снæниз сты ноджы 6 пациент. Ковидцентрты æмæ рычнындæтты æмтгæй райсгæйæ хос кæнынц 831 фæрынчынуæвæгæн» – банысан кодта Марина Эзугбаиа.
Афтæма йæ информацийæ, бæстæйы ковид-фæрынчынуæвæг 831 пицентæй критикон уæззау уавæры сты цыппар, 25 та уæззау.