Коронавирусы 20 ног цауæй цыппары инфицирады равзæрæн нырма бæрæг нæу
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директор, Марина Эзугбаиайы информацийæ, коронавирусы 20 ног цауæй аст сты, фæрынчынуæвæгимæ контакттæ, иу у медицинон персоналы минæвар, авд сты импортиргонд, цыппар цауы равзæрæн нырма бæрæг нæу æмæ цæуы эпидемиологион иртасæн сæ равзæрæн сбæрæг кæныны нысанæн.
«Коронавирусæй фæрчнынуæвæг 20 ног цауы райуæрст ахæм у: аст цау сты бæлвырд фæрынчынуæвæгимæ контакттæ , иу у медицинон персоналы минæвар, авд сты импортиргонд, уыдонæй цыппар сты уæзласæн хæдтулгæйы тæрджытæ. Цыппар цауыл эпидемиологион иртасæн цæуы сæ равзæрæны ссарын æмæ контакттæ рабæрæг кæныны нысанæн», – райхъусын кодта Марина Эзугбаиа.
Уыйимæ иумæ Эзугбаиа банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны коронавирусæй ноджы фараст пациент фервæзт.
«Снæнизуæвджыты нымæц фæфылдæр ис фарастæй. Уыдис 1270 æмæ фæнысангонд бæрæггæнæн у 1279. Абоны бæрæггæнæнтæй, чи сæнæниз ис уыдоны процентон нымæц у 81,6%», – банысан кодта Эзугбаиа.