Китайæ эвакуацигонд   Германийы  æмбæстæгтæй дыууæйæн  фæбæрæг ис  коронавирус
Китайæ эвакуацигонд Германийы æмбæстæгтæй дыууæйæн фæбæрæг ис коронавирус

Китайæ эвакуацигонд   Германийы  æмбæстæгтæй дыууæйæн  фæбæрæг ис  коронавирус.  Уый фæдыл  информаци хъусын кæны «Дойче Велле».

Китайæ   Германимæ  1-аг февралы   124  æмбæстагы  нылластой.   Уыдонæй   клиникæйы  баззадысты 11 адæймагæй.  Сæ  иумæ  дохтыртæн  сæ зæрдæ хсайы  коронавирусæй  инфицирдзинады  тыххæй, æрмæст иннæ  10  æндæр æфсонæй   сты госпитализацигонд.

Баззайгæ  113  бæлццоны  та  аргъæвтой  карантинмæ, уыдонæй  дыууæйæн сæвæрдтой  коронавирусы  диагноз.  Инфициргондты  фæхæццæ  кодтой  Франкфурты   рынчындонмæ.