Гардабаны муниципалитеты хъæу Хъараджалары карантины режим аивдтой.
Квемо Картлийы губернатор Шота Рехвиашвилийы информацийæ, блокпосттæ дысон, 00:00 сахатæй систой æмæ хъæу царды хуымæтæг режиммæ æрыздæхт.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы афонмæ æрмæст 127 анализы дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсынц.
«Уымæ гæсгæ, цæмæй хъæуы вирус массонæй нæ ахæлиу ис, стæмты фæбæрæг вæйы æмæ сты иугай цаутæ ахицæн кодтам карантины ражим аивын», – банысан кодта Шота Рехвиашвили.
Афтæма йæ информацийæ, хъæуы æмтгæй райсгæйæ басгæрстой 3 600-æй фылдæр адæймагы, кæцытæй вирус фæбæрæг ис 44-мæ.
Хъæу Хъараджалары карз карантины мадзæлттæ уыдысты 18 боны дæргъы.