Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейæн коронавирус сбæрæг ис.
Министрады информацийæ, уагдоны къухдариуæггæнæг йæхи дзæбæх хаты, хиизоляцийы уæвы æмæ кусын дарддæр кæны дистанцион режимæй.
Министрады æндæр кусджытæ, кæцытимæ фæрынчынуæвæгæн контакт уыдис, æргъæвд сты хиизоляцимæ.