Экатерине Тъикъарадзе – Уырнын кæнын цæрджыты, ацы этапыл коронавирусы Гуырдзыстоны ахæлиуы рискъ нæй, эпидемийы тас нæй
Инфекцион рынчындоны боксиргонд хайадæй знон карантинмæ аргъæвдтой 13 пациенты, кæцытæ коронавирусæй инфициргонд не сты.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы афонмæ, инфекцион рынчындоны уæвы 10 пациент.
«Ацы афонмæ инфекцион рынчындоны уæвынц 10 пациент, уыдонæй фондз сты Италийæ, иу Италийы æмбæстаг æмæ цыппар гуырдзиаг, фондз та сты Иранæй, иу гуырдзиаг, иннæтæ сты Азербайджаны æмбæстæгтæ. Дарддæр кæнæм координиргонд архæйдтæ æмæ нын ацы рæстæгмæ ис фаг бынæттæ уый тыххæй, цæмæй карантины бынат раттын уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæн хæстæг контакт уыд инфициргонд адæймæгтимæ æмæ Гуырдзыстонмæ æрцæуынц бæрзонд рискъджын зонæтæй, ацы локацитæ ис Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр рæтты. Нæ рынчындæттæ мобилизацигонд сты Батумы, афтæдæр Кутаисы, ис цалдæр рынчындон Тбилисы», – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.
Æнæнизхъахъхъæды министры ныхæстæм гæсгæ, ацы этапыл Гуырдзыстоны нæй уый рискъ, цæмæй коронавирус уæрæхæй ахæлиу уа.
«Уырнын кæнын цæрджыты, ацы этапыл Гуырдзыстоны нæй уый рискъ, цæмæй коронавирус ахæлиу уа, æмæ уый тыххæй, эпидемийы тас нæй»,- загъта Экатерине Тъикъарадзе.