Экатерине Тъикъарадзе – ковид-пациенттæн хоскæныны процессмæ  абон  ноджы цалдæр клиникæ  баиу уыдзæн
Экатерине Тъикъарадзе – ковид-пациенттæн хоскæныны процессмæ абон ноджы цалдæр клиникæ баиу уыдзæн

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы   фидиуæнæй,  зæгъгæ ковид-пациенттæн хос кæныны  процессмæ  абон  ноджы  цалдæр клиникæ   баиу  уыдзæн.

Экатерине Тъикъарадзе  координацион советы рабадты фæстæ  куыд фехъусын кодта  уымæ гæсгæйæ,  ацы  эатпмæ  рынчындæтты  сты 2 992 пациенты, кæцытæн хос кæнынц  æмæ абон  уыдонæй  бирæты рафысдзысты рынчындæттæй.

«Абоны  уавæрæй  нын  мобилизацигонд сты  4 3392  хуыссæн бынат. Цы ахсджиаг мадзæлттæ  ауагъдтам уыдон сты  ахæм –  Тбилисы масштабæй 4  клиникæ  æрбаиу уыдзæн  процессмæ фидæн цалдæр бонмæ, Шида Картлийы  нырид абонæй  баиу ис  æртæ клиникæ, Имереты регионы  дæр æртæ  клиникæ, сæрмагондæй та  Кутаисы  дыууæ  ног клиникæ.   Уымæ гæсгæ дæр  не нхъæлæм цæмæй   хуыссæн бынæтты  æрдгæй ис  дефицит.  Зондзыстут æй  цæмæй   афтæдæр йархайæм  фысымуатты  тыгъдадæй.  Уый тыххæй  цæмæй хъауджыдæргонд  информаци хæлиу кæны  хуыссæн  бынæтты  тыххæй,  æмæ пациенттæ  дæр бæрæг риск  уынынц  фысымуаттæм ахизыны, фæндæ мæ  банысан кæнын, цæмæй   фысымуатон тыгъдадты  мобилизацигонд сты дохтырты æмæ  медицинон  хоты  бригадæтæ, кæцытæ пациенттæн  хос кæнын æмæ мониторинг кæндзысты  афтæ куыд   клиникæйы.  Уырдæм æрвыст цæудзысты  пациенттæ,  кæцытæм  риск  уыдзæн   минималон.  Абоны бонмæ  афтæмæй   хос кæнынц 1500  пациентæн  æмæ  паддзахадмæ ис  фадат, цмæй  ацы æрдæм  ноджы  фæфылдæр  кæна хуыссæн бынæтты  нымæц» –  райхъусын кодта Тъикъарадзе.