Экатерине Тъикъарадзе – ковид-пациенттæн хоскæныны процессмæ абон ноджы цалдæр клиникæ баиу уыдзæн
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ ковид-пациенттæн хос кæныны процессмæ абон ноджы цалдæр клиникæ баиу уыдзæн.
Экатерине Тъикъарадзе координацион советы рабадты фæстæ куыд фехъусын кодта уымæ гæсгæйæ, ацы эатпмæ рынчындæтты сты 2 992 пациенты, кæцытæн хос кæнынц æмæ абон уыдонæй бирæты рафысдзысты рынчындæттæй.
«Абоны уавæрæй нын мобилизацигонд сты 4 3392 хуыссæн бынат. Цы ахсджиаг мадзæлттæ ауагъдтам уыдон сты ахæм – Тбилисы масштабæй 4 клиникæ æрбаиу уыдзæн процессмæ фидæн цалдæр бонмæ, Шида Картлийы нырид абонæй баиу ис æртæ клиникæ, Имереты регионы дæр æртæ клиникæ, сæрмагондæй та Кутаисы дыууæ ног клиникæ. Уымæ гæсгæ дæр не нхъæлæм цæмæй хуыссæн бынæтты æрдгæй ис дефицит. Зондзыстут æй цæмæй афтæдæр йархайæм фысымуатты тыгъдадæй. Уый тыххæй цæмæй хъауджыдæргонд информаци хæлиу кæны хуыссæн бынæтты тыххæй, æмæ пациенттæ дæр бæрæг риск уынынц фысымуаттæм ахизыны, фæндæ мæ банысан кæнын, цæмæй фысымуатон тыгъдадты мобилизацигонд сты дохтырты æмæ медицинон хоты бригадæтæ, кæцытæ пациенттæн хос кæнын æмæ мониторинг кæндзысты афтæ куыд клиникæйы. Уырдæм æрвыст цæудзысты пациенттæ, кæцытæм риск уыдзæн минималон. Абоны бонмæ афтæмæй хос кæнынц 1500 пациентæн æмæ паддзахадмæ ис фадат, цмæй ацы æрдæм ноджы фæфылдæр кæна хуыссæн бынæтты нымæц» – райхъусын кодта Тъикъарадзе.