Экатерине Тъикъарадзе – коронавирусы æртыккаг уылæн æнхъæлмæкæсинаг у
Æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе нæ ацух кодта Гуырдзыстоны коронавирусы æртыккаг уылæн.
Министры ныхæстæм гæсгæ, æртыккаг уылæнæй хибахизын ис гæнæн, кæд цæрджытæ рекомендацитæ æххæст кæндзысты уæд.
«Æртыккаг уылæны тыххæй куы зæгъæм, уый æнхъæлмæкæсинаг у æмæ алы бæрæггæнæн, кæцы абон фæфылдæр ис, дæтты нын дызæрдыг кæныны бындур, цæмæй нысаниуæгджынæй фæкарз кæнын хъæуы алы уыцы мадзал, кæцы абон цæрджытæн у бæрæг. Мæ хъуыдыйы дарын фыццаджы дæр маскæ дарын, дистанци хъахъхъæнын æмæ сæрмагонд гигиенæ. Нæ цух кæнын уый дæр æмæ, гæнæн ис, тобæтæ райсын бахъæуа, уымæн æмæ тобæтæ сты эффективон мадзал, фæлæ мæ уырны, цæмæй нæ цæрджытæ æмбаргæ ахаст равдисдзысты æмæ æххæст кæндзысты уыцы рекомендаци, кæцытæ ратта ницзты контролы центр æмæ эпидемиологтæ», – райхъусын кодта Тъикъарадзе.