Экатерине Тъикъарадзе - Коронавирусæй инфицирады цауты рæзт Гуырдзыстоны, инфекцийы пикимæ баст нæу
Фæззæгмæ, афтæ куыд Дунейы бæстæтæ иууылдæр, мах дæр æнхъæлмæ кæсæм эпидемиологион уавæры бæрæг æмвæзæй фæкарзмæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ корорнавирусæй инфицирады цауты фæфылдæр Гуырдзыстоны, инфекцийы пикъимæ баст нæу.
«Ацы процесс нæу æнхъæлцау пикъ, кæцымæ мах æнхъæлмæ кæсæм фæззæгмæ. Фæззæгмæ, афтæ куыд Дунейы бæстæтæ иууылдæр, мах дæр æнхъæлмæ кæсæм эпидемиологион уавæры бæрæг æмвæзæй фæкарзмæ. Растдæр уый тыххæй, максималонæй зонын кæнæм цæрджытæн информаци. Карантины периоды тыххæй куы зæгъæм, афтæ куыд алы муниципалиетты, кæцы рæтты дæр ахæм виппайды рæзт уыдис, нысаниуæгджын у, цæмæй æрвыст уа дыууæ карантины период, кæцы у 28 боны бæрц. Уымæ гæсгæ, цæмæй цы хатдзæгтæ рахæсдзысты эпидемиологтæ, райсдзыстæм уæлæмхас уынаффæ, фæкаддæр уыдзæн ацы период, æви йæ 28 карантинон бонæй ныууадзæм», – райхъусын кодта Тъикъарадзе.
Местиайы муниципалитет æхгæд æрцыд, цæрæн ран Местиайы, Ушгулы æмæ Ленджеры, архайынц карантинон арæнæвæрдтæ.