Экатерине Тъикъарадзе – Бирæ контакттæ бацагуырдтам, кæцытыл ныр цæуы эпидемиологион иртасæн æмæ боны дыккаг æрдæгмæ æнхъæлмæ кæсæм цауты нысаниуæгджын рабæрæгмæ
Бацагуырдтам бирæ контакттæ, уыдоныл ацы этапыл цæуы лабораторион иртасæн æмæ боны дыккаг æрдæджы æнхъæлмæ кæсæм нысаниуæгджын цауты рабæрæгмæ, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе хицауады рабадты фæстæ райхуъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын у, æмбæстæгтæ мобилизацигонд уой æмæ сбæрзонддæр уа социалон бæрн.
«Статистикæ рæзы, абон нын 57 бæлвырд цау ис, бацагуырдтам контакттæ, кæцытыл ныр цæуы лабораторион иртасæн æмæ æнхъæл стæм боны дыккаг æрдæджы нын уыдзæн нысаниуæгджын цауты рабæрæг. Нысаниуæгджын у, цæмæй æмбæстæгтæ мобилизацигонд уой æмæ сбæрзонддæр уа социалон бæрн. Иттæг нысаниуæгджын у, сæххæст кæнæм алы уыцы мадзæлттæ, кæцы нæм ис æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадæй, уымæн æмæ æрмæстдæр иумæйаг архайды руаджы ис гæнæн, уыцы зындзиндæтыл фæтыхуын, кæцы гæнæн ис Гуырдзыстоны сæвзæра. Нæ цæст дарæм, цахæм у вирусы ахæлиу æндæр бæстæты. Уырны мæ, цæмæй æмбæстæгтæ ноджы иу хатт равдисдзысты бæрзонд социалон бæрн æмæ хицауадимæ иумæ баиу уыдзысты ковидинфекцийы ныхмæ тохмæ», – фехъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.