Инфекцион клиникæйы уæвæг аст пациентæй корронавирус сæ иумæ дæр не сбæлвырд ис, иннæ астæн та тест абон сырæздзæн
Инфекцион клиникæ Лугары лабораторийæ аст пациенты басгæрсты фæстиуджытæ райста, кæцытæй ног коронавирус сæ иумæ дæн не уыдис, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн инфекцион рынчындонæй фехъусын кодтой.
Клиникæйы информацийæ, инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады, абон 09:00 сахаты уавæрæй, 19 пациент уæвы, сæ нымæцы сты уыцы æртæ гоймаг, кæцытæм цалдæр бон размæ сбæлвырд ис коронавирус.
«09:00 сахатмæ, инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады 19 пациент ис, кæцыты æхсæн сты цалдæр бон размæ коронавирус кæмæ сбæлвырд ис, уыдон. Абон сæумæрайсом Лугары центрæй, æрбахæццæ сты аст пациенты анализты дзуаппытæ æмæ кæцыдæр у æппæрццаг. Афтæдæр сæм нæй ндæр «А» æмæ нæдæр «Б» типы вирус. Уый тыххæй дæр инфекцион рынчындоны госпитализаций сын нæхъæугæ у æмæ ахиздзысты карантинон зонæмæ. Цыдæрриддæр та иннæ аст пациентмæ æххæссы, кæцытæ боксиргонд хайады уыдысты, уыдон Лугары центр тестытæ абон сараздзæн æмæ дзуаппытæ боны кæронмæ уыдзæн бæрæг», – хъусын кæнынц клиникæйы.
Афтæма инфекцион рынчындоны хъусинагæй, алы пациент Гуырдзыстоны æмбæстаг у æмæ уыдонæн уыд бастдзинад Иран æмæ Италиимæ.