Гуырдзыстоны коронавирусы ног цауты фылдæр сты Ачъара æмæ Тбилисы
Тбилисы инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады къухдариуæггæнæг Марина Энделадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 472 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 230 сфиксир сты Ачъарайы, 134 Тбилисимæ сты баст.
Иннæ цаутæ та сты æндæр æмæ æндæр регионтæй.
«Ивгъуыд æхсæв-боны мидæг рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 472, снæниз сты 318. Фæкаддæр ис Ачъарайы инфицирады ног цауты нымæц, ныр у æрмæст 49% – 230 пациент, фæлæ хъасдард раздæхын хъæуы уыцы æрдæм ома фылдæр кæнынц инфицирады цаутæ Тбилисы, 28 проценты – 134 ног цау, Имереты 68 ног цау, Самцхе-Джавахеты, Квемо Картли æмæ Самегрело-Уæллаг Сванеты – фæйнæ 8 цауы, Шида Картли -6, Кахет æмæ Мцхета Мтианеты – фæйнæ фондз»- фехъусын кодта Марина Энделадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ 4672 активон цауæй, 60 критиконæй уæззау сты, уыдонæй 59 иугонды сты улæфæн аппаратыл, фараст пациенты сты оккупацигонд Абхазы территорийæ æркæнгæ.