Гуырдзыстоны коронавирусы цы 326 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 241 сфиксир сты Ачъарайы, 62 Тбилисы, 98 та Имереты
Тбилисы инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады къухдариуæггæнæг Марина Энделадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 448 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 241 сфиксир сты Ачъарайы, 62 Тбилисы, 98 та Имеретимæ сты баст.
Иннæ цаутæ та сты æндæр æмæ æндæр регионтæй.
«Ачъарайы рабæрæг ис 241, Имереты –98 ног цау, Тбилисы – 62 цау, Гуриайы -1 ног цау; Самегрело-Уæллаг Сванеты – 15, Гуриайы – авд, Кахеты -2, Самцхе-Джавахеты – 9, Шида Картли – авд, импортиргонд цауты нымæц у -6», – фехъусын кодта Марина Энделадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, хоскæныны этапыл уæвæг 3 155 -ы онг пациентæй, 35-ы уавæр у критикон, уыдонæй 33 иугонд сты улæфæн аппаратыл. Фæнысангонд пациенттæй, фараст сты оккупацигонд Абхазæй æркæнгæтæ.