Гуырдзыстоны коронавирусы цы 326 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 235 сфиксир сты Ачъарайы, 30 Тбилисы, 38 та Имереты
Тбилисы инфекцион рынчындоны боксиргонд хайады къухдариуæггæнæг Марина Энделадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 326 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 235 сфиксир сты Ачъарайы, 30 Тбилисы, 38 та Имеретимæ сты баст.
Иннæ цаутæ та сты æндæр æмæ æндæр регионтæй.
«Ачъарайы рабæрæг ис ковид-инфицирады цауты 72%, кæцы у 235-ы бæрц, Имереты –38 ног цау, Тбилисы – 30 цау, Гуриайы -1 ног цау; Самегрело-Уæллаг Сванеты – 14, Гуриайы – æхсæз, Кахеты , Самцхе-Джавахеты æмæ Мцхета-Мтианеты – фæйнæ 1 ног цауы», – фехъусын кодта Марина Энделадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, хоскæныны этапыл уæвæг 3 072 -ы онг пациентæй, 28-ы уавæр у критикон, уыдонæй 26 иугонд сты улæфæн аппаратыл. Фæнысангонд пациенттæй астæй сты оккупацигонд Абхазæй æркæнгæтæ.