Гуырдзыстоны коронавирусы цы 196 ног цауæй 145 сты Ачъарайæ , 29 та -Тбилисæй
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 196 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 145 Ачъараимæ сты баст, 29 та – Тбилисимæ.
«Бæстæйы знон уыдис 2562 цауы, æрбафтыд нæм ноджы 196 ног цау. 196 ног цауы тыххæй мæ фæнды зæгъын. Регионтæм гæсгæ, 170 цау афтæ дих сты: Ачъара, Батум -144, Кобулет – 1, Тбилис -29, Имерет, Кутаис – 7,Мидæг Картли, Гур – цыппар, Дæллаг Картли, Гардабан – 3, Гуриа, Озургет – 4, Самегрело-Уæллаг Сванет, Зугдид – 2, Поти – 1,Мцхета – 1» фехъусын кодта Эзугбаиа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 31-æй райрæзтис чи сæнæниз ис уыцы пациентты нымæц æмæ ацы этапыл ковид-центрты 1319 пациентæн хос кæнынц.