Гуырдзыстоны коронавирусы цы 196 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 128 Ачъараимæ сты баст, 30 – Тбилисимæ, 19 та – Кутаисимæ
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 196 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 128 Ачъараимæ сты баст, 30 – Тбилисимæ, 19 та – Кутаисимæ.
«Абон нæм рбафтыд ноджы 196 ног цау æмæ афтæмæй фæрынчынуæвджыты æмтгæйон нымæц ссис 3502 . 196ног цау Регионтæм гæсгæ, афтæ дих сты: Ачъара -128, Тбилис -30, Кутаис– 19, Гуриа– 4, Самегрело-Уæллаг Сванет – 5, Квемо Картли -5, Мидæг Картли – 1, Мцхета-Мтианет – 2, Къахет -1» – фехъусын кодта Эзугбаиа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 13 -æй райрæзтис чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц æмæ æмтгæй райсгæйæ аххæссыд фæрынчынуæвджыты 43%.
Марина Эзугбаиайы информацийæ ацы этапыл ковид-центрты 1981 пациентæн хос кæнынц.