Гуырдзыстоны коронавирусы цы 170 ног цауæй 124 сты Батумæй, 20 та -Тбилисæй
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 170 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 124 Батумимæ сты баст, 20 та – Тбилисимæ.
«Бæстæйы знон уыдис 2392 цауы, æрбафтыд нæм ноджы 170 æмæ ссис 2562. 170 ног цауы тыххæй мæ фæнды зæгъын. 88 сты бæлвырд цаутимæ контакттæ, 50 балцы истори кæмæн ис, ахæмтæ, цыппар карантины тыгъдады, кæцы рабæрæг, ахæмтæ, иннæтæ сты тæвднизы центры бæлвырд цаутæ, кæцыты контактты бацагуырд дарддæр кæнæм.
Регионтæм гæсгæ, 170 цау афтæ дих сты: Ачъара, батум -124, Тбилис -20, имерет, Кутаис – 13, Самегрело-Уæллаг Сванет, Зугдид – æхсæз, Гуриа, Озургет – 3, Мцхета – 3, Рачъа-Лечхум, Дæллга Сванет, Цагер – 1» фехъусын кодта Эзугбаиа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 11-æй райрæзтис чи сæнæниз ис уыцы пациентты нымæц æмæ ацы этапыл ковид-центрты 1154 пациентæн хос кæнынц.