Гуырдзыстоны коронавирусы 179 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 126 Ачъараимæ сты баст, 16 – Имеретимæ, 15 та – Тбилисимæ
Тбилисы инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цы 179 ног цау рабæрæг ис, уыдонæй 126 Ачъараимæ сты баст, 16 – Имеретимæ, 15 та – Тбилисимæ.
«Абон нæм рбафтыд ноджы 179 ног цау æмæ афтæмæй фæрынчынуæвджыты æмтгæйон нымæц ссис 2937 . 179 ног цауы тыххæй мæ фæнды зæгъын. Регионтæм гæсгæ, 170 цау афтæ дих сты: Ачъара -126, Тбилис -15, Имерет– 16, Гуриа– 4, Самегрело-Уæллаг Сванет – 7, Мцхета-Мтианет – 7, Къахет -4» фехъусын кодта Эзугбаиа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 10 -æй райрæзтис чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц æмæ ацы этапыл ковид-центрты 1422 пациентæн хос кæнынц.
Эзугбаиайы ныхæстæм гæсгæ, ковид-центрты æмæ фысымуатты 1488 пациентæн хос кæнынц, сæ нымæцы 60-70 пациенты уавæр у уæззау, фараст та – критикон.